Victory Day - Стыр Уæлахиз

Victory Day - Стыр Уæлахиз
 

Дард уыд махæй Стыр Уæлахизы тæмæн,

Раст нымæг арты фæстаг тайгæ цæхæр.

Сыгъд, рыг фæндаг, удхар, тухиты рæстæг

Мах нæ тохæй кодтам ацы бон хæстæг.


Уыцы Стыр Уæлахиз хæсты тæф кæны

Мит, æвзистæй мах къæмисæнтыл лæууы.

Йе стыр цинæй цæстæй судзгæ сыг кæлы.

Стыр Уæлахиз! Стыр Уæлахиз! Стыр Уæлахиз!


Бонтæ, ‘хсæвтæ удуæлдай куыст домдта хæст.

Иу цъынд не ‘ркодта Фыдыбæстæ йæ цæст.

Уыд мартенты пиллон абухгæ, бырсæг, –

Мах нæ тыхæй кодтам ацы бон хæстæг.


Уарзон гыцци, алчи не ‘рыздæхт хъæмæ…

Гомкъахæй æртæхыл алидзин, бæргæ!

'Мбис Европæ федтам, знаджы тых сæттæг,

Мах нæ тугæй кодтам ацы бон хæстæг.

Comments

Popular posts from this blog

Katyusha - Катюша (Kazakh Ver.)

55 Days at Peking

God, Syria, and Bashar - الله, سوریا و بشار