Rise, Comrades, the Enemy Draws Near - Раст, Фыдызæхх, знаджы ныхмæ слæуу

Rise, Comrades, the Enemy Draws Near -
Раст, Фыдызæхх, знаджы ныхмæ слæуу

 

Знаг нæ зæхмæ налатæй лæбуры,

Нæй цагъайраджы уаргъæн быхсæн.

Сиды карз тохмæ махмæ Сæрибар,

Хъуамæ знагæн йæ бæрзæй сæттæм!


Æз цæттæ дæн, мæ къухы – мæ гæрзтæ,

Ды æнкъардæй мæ разы лæууыс.

«Зон, кæсы дæм ныфсджынæй нæ бæстæ», -

Хус, тæвд былтæй мын афтæ зæгъыс.


Æз хæстмæ цæуын, хæрзбон дын зæгъын,

Нæ хъару - домбай, ызнаджы бакæндзыстæм най!

Нæ фыдæлты зæхх, дæ къæбæр, дæ цæхх…

Нæ Фыдыбæстæ, хъæддых лæууынц дæ сахъ фырттæ!


Тындзы, тындзы нæ къорд,

Нæ тырыса дарæм бæрзонд.

Уадз хъуыса дардыл: нæ кæндзæн махыл

Хæддзу æлдариуæг уысм дæр.

Уадз хъуыса дардыл: нæ кæндзæн махыл

Хæддзу æлдариуæг уысм дæр.


Тындзы, тындзы нæ къорд,

Нæ тырыса дарæм бæрзонд

Уадз хъуыса дардыл: нæ кæндзæн махыл

Хæддзу æлдариуæг уысм дæр.


Уадз хъуыса дардыл: нæ кæндзæн махыл

Хæддзу æлдариуæг уысм дæр.


Знаг нæ зæхмæ налатæй лæбуры,

Нæй цагъайраджы уаргъæн быхсæн.

Сиды карз тохмæ махмæ Сæрибар,

Хъуамæ знагæн йæ бæрзæй сæттæм!


Æз цæттæ дæн, мæ къухы – мæ гæрзтæ,

Ды ныфcджынæй мæ разы лæууыс.

«Зонын: бахъахъхъæндзынæ нæ бæстæ», -

Афтæ, мидбылты худгæ, зæгъыс.


Нæ фыдæлты зæхх, дæ къæбæр, дæ цæхх…

Нæ Фыдыбæстæ, хъæддых лæууынц дæ сахъ фырттæ!

Уæлахиз æрмæст, æнхъæлмæ мæм кæс,

Нæ хъару - домбай, ызнаджы бакæндзыстæм най!

Comments

Popular posts from this blog

Katyusha - Катюша (Kazakh Ver.)

The Song of Salt - Солёная песня

Chceme Nazad Košice